«Зимний фестиваль знаний 2025»

Сценарий мероприятия "Конкурс Сатана"

Ахуырдзаутæ æвдисынц сæ арæхстдзинæдтæ, сæ зонындзинæдтæ.

Олимпиады: Немецкий язык 2 - 11 классы

Содержимое разработки


КОНКУРС «САТАНА»


Сценӕйыл иуырдыгӕй равдыст: «ИРОН ХӔРИНӔГТӔ»,

иннӕрдыгӕй: « ЭКСПОНАТТӔ»,

астӕуӕй сценӕйыл конд: «КЪУЛЫН ГАЗЕТТӔ».


Экраныл цӕуы презентаци: «НАРТЫ КАДДЖЫТӔ».


Сценӕйыл райхъуыст ирон музыкӕйы зӕлтӕ «Сау бӕгӕны», зары Хадыхъаты Аллӕ.

Йӕ хӕд фӕстӕ кафынц нӕ колледжы ансамбыль: «Казбек», – «Чызджыты кафт».


Конкурс «САТАНА» йы изӕр байгом кӕндзӕн нӕ колледжы 15.14 къорды ахуырдзау, Гӕбӕраты Роканӕ.


Кӕсӕг: - Уӕ бонтӕ хорз зынаргъ сценӕмӕ кӕсджытӕ! Ӕмӕ уыл рӕсугъд, хур бонт кӕнӕд. Мах абон ӕрбамбырд стӕм, цӕмӕй нӕ фыдӕлты кадджын нарты Сатанайы ном ӕрхъуыды кӕнӕм. Фӕнды мӕ цӕмӕй алы ирон хӕдзары дӕр уа Сатанайы хуызӕн бӕркад арм сылгоймаг. Абон мах бацӕттӕ кодтам цыбыр изӕр, цы ран фенӕн уыдзӕн ирондзинад: ирон хӕринӕгтӕ, нозт, хикъухтӕй конд дзаумӕттӕ, ирон куывтытӕ, плакаттӕ ӕмӕ цыбыр конкурстӕ- ерыстӕ ахуырдзауты ᾽хсӕн «Чи тагъддӕр!»

Нӕ изӕрмӕ нӕм саккаг кодтой нӕ уарзон колледжы студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ.


Рагон ирон хӕринӕгты конкурсы жюрийы архайджытӕ сты ахӕм хыгъдимӕ:

  1. Дзебойты Жаннӕ Эричы чызг – нӕ колледжы директоры хӕдивӕг;

  2. Гаситы Изабеллӕ Цӕрайы чызг – нӕ колледжы музей «Подвиг»ы сӕргълӕууӕг;

  3. Цориты Земфирӕ Михайлы чызг - нӕ колледжы повыр- кондитерты ахуыргӕнӕг;

  4. Дзебойты Беллӕ Степаны чызг - нӕ колледжы хӕрӕндоны сӕйраг повыр;


Рагон ирон нозт ӕмӕ куывтыты конкурсы жюрийы архайджытӕ сты ахӕм хыгъдимӕ:

1. Гӕззаты Тамаз Алыксандры фырт - нӕ колледжы 28 къорды куратор;

2. Дзуккойты Аслан Барисы фырт - нӕ колледжы 11.15 къорды куратор;

3.Джиджджойты Алик Асланы фырт – нӕ колледжы ансамбыль «Хъазбеджы» сӕргълӕууӕг.



Цыбыр ерыстӕн аргъ кӕндзысты:

  1. Джанайты Светланӕ - 5.14 къорды куратор; (дзыккуты быд), (картофты стъыгд)

  2. Абайты Светланӕ - 13.14 къорды куратор; (цӕппузырты хуыд), (сывӕллон тухын)

(ацыд)



( Ирон цагъд райхъуыст сценӕйӕ )



Рацыдысты ирон дзаумӕтты ӕртӕ чызгӕй:

  1. Плиты Дианӕ 12.14 къорды ахуырдзау;

  2. Гӕбӕраты Роксанӕ 15.14 къорды ахуырдзау;

  3. Бадриты Дианӕ 12.14 къорды ахуырдзау;



  1. Плиты Дианӕ: «Сатана»

(Байхъусут ма диссаджы хабӕрттӕ радзурдзынӕн Сатанайы тыххӕй.)

Ирон адӕмы Нарты эпосы сӕйрагдӕр геройтӕй иу у Сатана. Сатана уыд Лӕгты дзуар ӕмӕ Донбеттырты чызг Дзерӕссӕйы чызг. Уый зӕххон гуырд нӕу. Райгуырд мӕрдтты бӕсты зӕппадзы мидӕг. Мӕймӕ айрӕзт афӕдзы йас, афӕдзмӕ та ӕртӕ азы йас. Нарты чызджыты ᾽хсӕн Сатанайӕн ӕмбал нӕ уыд, йӕ рӕсугъддзинадӕн. Йӕ рӕсугъд цӕсгомы раз иу ӕхсӕв дӕр бон фестад . Йӕ дзыхы ныхас та хуры тыны хуызӕн, кардӕй цыргъдӕр, арвӕй нӕраг дӕр.





  1. Гӕбӕраты Роксанӕ: « САТАНА»

( Цы худӕг дӕ! Ӕз дӕуӕй диссӕгтӕ дӕр радзурдзынӕн. Фӕнды мӕнӕ адӕмы дӕр бафӕрсӕм.)

Сатанайы тыхтӕ Хуыцауимӕ уыдысты ӕмдзугӕнӕг. Сатана хуыцауыл тых кодта дзыхӕй, уыдис йӕ сӕйрагдӕр ныхмӕлӕууӕг. Сатанайӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ-иу Хуыцау хур бон куы скодта, уӕд ӕй уый та къӕвда фестын кӕна. Дымгӕ – сабыр, зымӕг – сӕрд, ӕхсӕв – бон, чызг – лӕппу, зӕронд – ног. Дзырдта цъиутимӕ сӕхи ӕвзагыл. Цыбыр дзырдӕй Хуыцауы рафӕлдыст – иу йӕхирдыгонау ӕрзылдта, царды уавӕртӕм гӕсгӕ. Дзырд «Сатана» нысан кӕны «дӕлимон», - «хӕйрӕг». Ӕмбал кӕмӕн нӕй ахӕм.





  1. Бадриты Дианӕ: « САТАНА»



( Смах дӕр диссӕгтӕ радзырдтад. Фӕлӕ ма мӕнмӕ байхъусут).



Сатана йӕхицӕн мойаг ӕвзары йе᾽фсымӕр Уырызмӕджы. Уымӕн ӕмӕ зыдта Элдайӕ Уырызмӕгӕн куы райгуыра сывӕллон, уӕд нарты мыггаг аивдзӕн. Йӕхицӕн ӕрмӕст нарты ᾽хсӕн аккаг кодта мойагӕн Уырызмӕджы. Сатана уыд нарты адӕмы сӕрыл хаст, хӕцын кӕм хъуыд, уым фӕстӕ никуы лӕууыд. Йӕ арвон айдӕны руаджы зоны тыхст кӕм вӕййынц нарт ӕмӕ сӕ разы балӕууы ӕххуысмӕ. Сатанайы ном у ӕнӕмӕлгӕ ирон адӕмы ᾽хсӕн. Нӕ фынгтыл ис алы хатт йӕ бӕркад, йӕ армы кондӕй мысӕггаг нозтытӕ ӕмӕ хӕрзад хӕринӕгтӕ.



Роксанӕ: Не ᾽ртӕйӕн дӕр тынг хъӕугӕ ныхӕстӕ уыдысты. Уадз ӕмӕ сӕ алчидӕр зона.



(ацыдысты)



(Сатана рацыд, адӕмыл фӕлгӕсгӕ, стӕй фынгтыл йӕ цӕст ахаста. Бахудт).

САТАНА

(адӕмы ᾽рдӕм)

- Мӕнӕ хорз адӕм! Ӕнхъӕл дӕн ӕмӕ ам мӕ кой кодтой! Ӕви мӕ хъустыл афтӕ ауад!

- Нӕ, нӕ! Хъуыстон сӕ. - Уӕдӕ ма уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъӕуы адӕймаджы, ӕнусты дӕргъы дӕ рох куыннӕ кӕной. Дӕ хорздзинӕтӕ дын фӕлтӕрӕй - фӕлтӕрмӕ куы дӕттой кӕстӕртӕн. Дӕ армӕй цы нозт ӕмӕ хӕринӕгтӕ ратагъд, уыдон дӕ уарзон адӕмы фынгтыл сӕйрагдӕр хӕринӕгтыл нымад куы уой. Уӕд адӕймаг мӕлгӕ нӕ кӕны. Абон ӕз дӕр фӕзынддӕн мӕ дзӕбӕх ирон адӕмӕн арфӕ кӕнынмӕ. Цӕрут мын бирӕ азты ӕнӕнизӕй, мачи уӕ фенӕд царды мидӕг зындзинад.

(ауад фынгтӕм)

- Мӕнӕ ма диссӕгтӕ: чъиритӕ, физонӕг, арахъхъ, дзыкка, дзӕрна, кӕрдзын, цывзыцӕхдон, бӕгӕны. Цы нӕ ис фенӕн нӕ фынгыл. Ахӕм дзаджджын фынгтӕй макуы сцух ут, мӕ уарзон адӕм. Уӕ фынтыл кӕддӕриддӕр куыд уӕз кӕной: хӕрд, нозт. Куыд кувад уӕ фыдӕлтӕн, смахӕн ахӕм цард чи ӕрхаста. Уӕд уӕм кӕддӕриддӕр бӕркад: «Уӕлейӕ исгӕ, бынӕй ахадгӕ!»

Ирыстон цӕмӕй уа ӕххӕст уыдӕттӕй, уый та мӕ бар бакӕнут.

- Ӕз уын уӕ зындзинӕдтӕй - цин араздзынӕн,

-Уӕ уӕззау бонтӕй – рухс бонтӕ,

- Уӕ низы бон – ӕнӕниз,

- Уӕ бинонтӕ – къабазджын,

- Уӕ чызджытӕ - бӕдулджын,

-Уӕ быдыртӕ - бӕркадджын,

-Уӕ зымӕг – хъарм,

- Уӕ уалдзӕг - дидинджын,

- Уӕ сӕрд – дыргъджын,

-Уӕ фӕззӕг та бӕркадджын.

Уый уын уарзы мӕ цӕст, мӕ уарзон адӕм! (ацыд)



Кӕсӕг: Уӕдӕ куыд федтам, уымӕ гӕсгӕ, кадджын адӕймагӕн мӕлӕт нӕй. Сатана та йӕ коймӕ ам ӕрбалӕууыд. Ӕрцӕуӕт ныл не ᾽ппӕтыл дӕр йӕ зӕрдиаг куывдтытӕ.

Фӕлӕ та нӕ конкурс дарддӕр кӕнӕм.

Ирыстоны ӕвӕццӕгӕн нӕ разындзӕн ахӕм хӕдзар ӕртӕ чъирийӕ чи нӕ скувы йӕ бӕрӕгбоны. Уӕлдӕр куыд загътам афтӕмӕй, абон нӕ колледжы фӕсивӕд хъуамӕ бавзарой сӕ арӕстдзинад, чи хуыздӕр ракувдзӕн нӕ кадджын ӕртӕ бӕрӕгбоны чъиритӕй.



  1. Наниты Альберт 12.14 къорды ахуырдзау хъуамӕ ракува «Стыр Хуыцауӕн».

  2. Лазарты Ӕхсар 17.14 къорды ахуырдзау хъуамӕ ракува «Джеоргуыбайӕн».

  3. Гатыкаты Хетӕг 17.14 къорды ахуырдзау хъуамӕ ракува «Хетӕджы дзуарӕн»

Табуафси бавзарут уӕ арӕстдзинад! (ацыд)



(Райхъуст Хуыцаумӕ куывд - видеоролик.)



( видеойы фӕстӕ Наниты Альберт).

Фыццаг куывд:

Хуыцаумӕ куывд

- О Ирон адӕмы рафӕлдисӕг Стыр Хуыцау! Дӕумӕ кувӕг стӕм ӕмӕ нын ӕххуысгӕнӕг у!

(Омен Хуыцау!)

-Ӕртӕ чъирийӕ дын кувӕм абон, ӕмӕ нӕм де ᾽ргом раздах! Дыууӕ Ирӕй Хуссарӕй, Цӕгатӕй, кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдӕ дӕуыл фӕдарӕм ӕмӕ нӕ фыдбылызӕй хиз.

(Омен Хуыцау!)

- О Дунескӕнӕг! Адӕмы ныфс! Иунӕг Хуыцау! Ирон адӕмы уидӕгтӕ иумӕ бабӕтт, Ӕрӕфы дон, Урсдон, Ӕрыдоны дон, Фиагдон, Джызӕлы дон сӕхи Терчы донимӕ куыд ӕхсызгонӕй бабастой, афтӕ махӕн дӕр нӕ къабӕзтӕ ӕнгом кӕрӕдзиуыл ӕрбатух. Куыннӕ уал дзурӕм Ирон дӕ, Дыгурон, Къуыдайраг! Нӕ дадзинты цы ирон туг хъазы, уый иуыл цы нымайӕм, ахӕм хӕрзиуӕг ракӕн Стыр Хуыцау!

(Омен Хуыцау!).

- Нӕ фӕсивӕд куыд уой ӕмзонд, ӕмдзу, ӕмуд кӕрӕдиуыл. Тыхы бон кӕрӕдзийӕ сӕ къухтӕ куннӕ суӕгъд кӕной, тыхгӕнӕг сын тых куыннӕ ара! Уый у ме стырдӕр курдиат!

(Омен Хуыцау!)

- Нӕ рӕсугъ фыдӕлтӕ – Алантӕ, сӕ тырыса бӕрзӕндты хастой, сӕ сӕр ныллӕг никуы никӕй раз ӕруагътой, ӕмӕ нӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы, уыцы ӕнусты сӕрты нӕм цы уӕлахизы тырыса ралӕвӕрдтой, уый мах дӕр бӕрзӕндты цы хӕссӕм! Алантӕ куыд хуыйнӕм ӕнустӕм, кад ӕмӕ амондимӕ!

(Омен Хуыцау!)


(Райхъуст Джеоргуыбамӕ куывд - видеоролик.)



( Видеойы фӕстӕ Лазарты Ӕхсар)

ДЫККАГ КУЫВД:

Джеоргуыбайы куывд

Фарн уӕм бадзурӕд ӕмӕ уыл хорз бонтӕ кӕнӕд , мӕнӕ хорз ӕдӕм! Мӕ ныхас у ӕппӕт Ирыстоны зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ здӕхт. Адӕймаг йӕ сомбоны ныфсӕй цӕры, йӕ фидӕныл дары йӕ зӕрдӕ, ӕмӕ уыл алы бӕрӕгбон дӕр хорзӕй хорзмӕ цӕуӕд. Нӕ фыдӕлтӕ иу афтӕ загътой : Зӕхх нӕ дарӕг у , ӕмӕ афӕдзӕй - афӕдзмӕ цы фӕллой ӕмӕ бӕркад сисӕм нӕ зӕххӕй, уый сызгъӕрин фӕззӕджы куывдтӕн ӕмӕ чындзӕхсӕвтӕн куыд схардз кӕнӕм нӕ уарзон адӕмимӕ иумӕ. Ахӕм стыр амонд нӕ уӕд мах дӕр!

(Омен Хуыцау!)

Хистӕр кадджын, кӕстӕр, амондджын куыд уа, нӕ уарзон зӕххыл. Нӕ фӕндыры цагъд, нӕ зарӕг, нӕ ирон рӕсугъд ныхас, макуы фӕуӕд, хъуысӕд хъӕрӕй алы хӕдзарӕй, алы бинонтӕй. Ӕмзонд ӕмӕ ӕмзӕрдӕйӕ куыд архайӕм, ахӕм хорздзинад ракӕнӕд Стыр Хуыцау, нӕ рафӕлдисӕг!

(Омен Хуыцау!)

Абон нӕ гыццыл Ирыстоны ис стыр бӕрӕгбон. Алы ирон хӕдзар дӕр кувы ӕртӕ чъирийӕ, бӕрзондӕй нӕм ныллӕгмӕ цы Уастырджи фӕлгӕсы, уый номыл, Джеоргуыбайы бӕрӕгбоны номыл. Ракӕс нӕм Уастырджи дӕ дзӕбӕх цӕстӕй, дӕ хорз зӕрдӕйӕ! Ирыстоны цӕрӕг адӕм дӕ дӕлбазыр сис, хъахъхъӕн сӕ фыдбылызӕй, хӕрзмӕ сыл ауд!

(Омен Хуыцау!)

Ратт сын де ᾽ртӕ хорздзинадӕй хай: цӕрыны ныфс, уарзондзинад, амонд. Нӕ кӕстӕртӕ дӕ фӕдзӕхст! Слӕууын сӕ кӕн раст ӕмӕ цъӕх фӕндагыл, ма сӕ бауадз зылын фӕндагмӕ бахизын. Йӕ хӕдзарӕй чи рараст вӕййы, уый фыццаг йӕхи дӕуыл афӕдзӕхсты ӕмӕ дӕм - иу нӕ куывдтытӕ фехъуысӕд.

(Омен Хуыцау!)

О, лӕгты дзуар! Дӕумӕ кувӕг адӕм стӕм ӕмӕ нын ӕххуысгӕнӕг у! Дӕтт нын уыцы фадат , цӕмӕй дын мах дӕр ӕртӕ чъирийӕ кувӕм алы хатт дӕр!

(Омен Хуыцау!)

Алкӕй хӕдзары дӕр уӕд бӕркад ӕмӕ ӕнӕниздзинад!

(Омен Хуыцау!)


(Райхъуст Хетӕгмӕ куывд - видеоролик.)



( Видеойы фӕстӕ Гатыкаты Хетӕг)



ӔРТЫККАГ КУЫВД:

ХЕТӔДЖЫ ДЗУАРЫ КУЫВДТЫТӔ


- Мӕнӕ хорз адӕм! Абоны хорзӕх нӕ уӕд! Абон у стыр бӕрӕгбон ӕнӕхъӕн Ирыстоны Хетӕджы дзуары бӕрӕгбон. Алы ирон хӕдзар, алы Ирыстоны цӕрӕг дӕр фӕдзӕхст уӕд ацы каддджын дзуарӕй.

(Омен Хуыцау!)

- Нӕ хӕдзӕрттӕй куы рараст вӕййӕм уӕд нӕ рахиз уӕхсгыл бад, ӕмӕ нӕ фыдбылызӕй хиз. Алы фӕндаггон дӕр йӕ хӕдзарыл хорзӕй куыд ӕмбӕла фӕстӕмӕ. Уый у не стырдӕр лӕгъстӕ дӕумӕ.

(Омен Хуыцау!)

- О Хетӕджы дзуар нӕ фӕсивӕд дӕ фӕдзӕхст! Ӕххуысгӕнӕг сын у! Ды кӕддӕр хъӕдӕй дӕ тыхсты заманы ӕххуыс куыд агуырдтай, ӕмӕ дӕ хъӕд куыд бахъхъахъхъӕдта знагӕй, афтӕ ды дӕр нӕ фӕсивӕды зын фадат ӕмӕ мӕлӕтӕй тасы бон, дӕ хъӕды амбӕхс фыдбылызӕй. Мӕлӕт ӕмӕ сӕ зындзинад куыннӕ уал феной афтӕ сӕ иу амбӕхс, дӕ тар хъӕды ды дӕр!

(Омен Хуыцау!)

- Уӕ нӕ фӕсивӕд! Ирон адӕм! - Мах дӕр нӕхӕдӕг хъуамӕ хизӕм нӕхи фыдбылызӕй. Стыр зӕрдӕ ма уӕм нӕ цардыл. Нӕ цард иуылдӕр Хуыцау ӕмӕ дзуӕрттыл ма нывонд кӕнӕм! Фӕлӕ алчидӕр йӕ цардӕн аргъ куы кӕна, уӕд Хуыцау ӕмӕ дзуӕрттӕ дӕр не ᾽мдзу цӕудзысты, кӕсдзысты нӕм хорз цӕстӕй. Уый та махӕн нӕхи къухты ис ӕмӕ алчидӕр йӕ иунӕг цард хъуамӕ хъахъхъӕнӕ!

(Омен Хуыцау!)

Уӕ Хетӕджы дзуар, уӕддӕр нӕ ныфс ды дӕ ӕмӕ нын фӕсивӕд хъахъхъӕн фыдбылызӕй! (Омен Хуыцау!)



Кӕсӕг: Стыр бузныг уын лӕппутӕ. Жюрийы архайджытӕ аргъ скӕндзысты уӕ ракуывтытӕн, ӕмӕ сӕ фехъусдзыстӕм изӕры кӕрон.






Сатана уыд тынг хъӕлдзӕг сылгоймаг ӕмӕ нӕ абон нӕ чызджыты хуыздӕртӕй сӕ иу Бадриты Дианӕ 12.14 къорды ахуырдзау нӕ сбуц кӕндзӕн зарӕгӕй: «Дыууӕ амонды».


- Табуафси Дианӕ!


Кӕсӕг: - Уӕдӕ та раздӕхӕм нӕ конкурстӕм «Чи тагъддӕр!».

Фыццаг цыбыр конкурс у «Дзыккутӕ бийын» ӕй. Фыццаг нӕ хъӕуы ӕхсӕз чызджы. Ӕртӕ дзыккутимӕ, ӕртӕ бийгӕ чи кӕна ахӕмтӕ. Аргъ дзы цӕудзӕн раттгӕ ӕмгъуыдмӕ чи гъӕдджын ӕм рӕсугъддӕр бийын зоны, уый.

Табуафси жюрийы архайӕг Джанайты Светланӕ. Ратт сын рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъус дар сӕ архайдмӕ.

( Джанайты Светланӕ сын дӕтты рӕстӕг ӕмӕ райдыдта конкурс).


(Ӕрмӕг: ӕртӕ бандон, сӕрвасӕнтӕ, кӕсӕнтӕ, ӕмӕ заколкӕтӕ).


(цалынмӕ конкурсы архайджытӕ кусой, уӕдмӕ кӕсӕм презентаци «Нарты Сатана»мӕ).

Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат: - Цалӕгаты А., 5.16 (а) къорд

Дыккаг бынат: - Баситы А,. 5.16 (а) къорд

Ӕртыккаг бынат: - Цӕргӕсты М., 5.16 (а) къорд



(Кӕцытӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.)



Кӕсӕг: Дарддӕр кӕнӕм нӕ конкурс, «Дзыккутӕ бийын» ӕй. Ныр та нӕ хъӕуы ӕртӕ чызджы дзыккутимӕ, ӕртӕ та лӕппутӕ, кӕцытӕ чызджытӕн бийдзысты, дыууӕ дзыккуйы.



Табуафси Светланӕ! Ратт сын рӕстӕг, ӕмӕ дӕ конкурс дарддӕр кӕн.



(Ӕрмӕг: ӕртӕ бандон, сӕрвасӕнтӕ, кӕсӕнтӕ)



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат: - Арзамасцев А., 17.14 къорд

Дыккаг бынат: - Гатыкаты Х., 17.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Касӕбиты Т., 6.15 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.)



Кӕсӕг: Дыккаг цыбыр конкурс та у « Картофтӕ стъигъын). Ам дӕр нӕ хъӕуы ӕртӕ чызджы ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы.

Аргъ сын кӕндзӕн Джанайты Светланӕ.

Табуафси Светланӕ! Ратт сын ӕмгъуыд ӕмӕ уӕ конкурс дарддӕр кӕнут.



(Ӕрмӕг: фӕйнӕ ӕртӕ картофы, кӕрдтӕ ӕхсӕз ӕмӕ тӕбӕгътӕ дӕр ӕхсӕз)



Жюри аргъ кӕны чызджытӕн: Фыццаг бынат: - Бегизты Т., 15.15 къорд

Дыккаг бынат: - Бокъоты Ф., 13.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Тедеты Л., 12.16 къорд



Жюри аргъ кӕны лӕппутӕн: Фыццаг бынат: - Гобаты А., 17.15 къорд

Дыккаг бынат: - Гатыкаты Х., 17.14 къорд

Ӕртыккаг бынат:- Хъуппеты И., 14.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.)









Кӕсӕг: Ӕртыккаг конкурс «Чи тагъддӕр». «Цӕппузыртӕ хуыйын». Ам нӕ хъӕуы ӕртӕ чызджы. Аргъ сын кӕндзӕн сӕ куыстӕн Абайты Светланӕ.



Табуафси Светланӕ! Ратт сын рӕстӕг, ӕмӕ уӕ конкурс дарддӕр кӕнут.



(Ӕрмӕг: ӕртӕ хъуымацы гӕбаз, ӕртӕ цӕппузыр ( цыппар, дыууӕ ӕмӕ иу сынкимӕ), судзинтӕ ӕмӕ ӕндӕхтӕ)



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат: - Бокъоты Ф., 13.14 къорд

Дыккаг бынат: - Агъынаты К., 15.15 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Гаппоуаты Р., 13.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.)



Кӕсӕг: Цыппӕрӕм конкурс «Чи тагъддӕр». Ахӕм кары стӕм ӕмӕ нӕ мыййаг тагъд куы бахъӕуа сывӕллон атухын, уӕд хъуамӕ зонӕм. Ацы конкурсы хъуамӕ райсой хайад ӕртӕ чызджы ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы. Раздӕр чызджытӕ, стӕй та лӕппутӕ.

Аргъ сын кӕндзӕн Абайты Светланӕ.



Табуафси Светланӕ! Ратт сын рӕстӕг, ӕмӕ уӕ конкурс дарддӕр кӕнут.



( Ӕрмӕг: ӕртӕ куклӕ ӕмӕ ӕртӕ тухӕн кӕттаг хъуымацы).



Жюри чызджытӕн аргъ кӕны рӕстӕгмӕ ӕмӕ гъӕдмӕ гӕсгӕ:

Фыццаг бынат: - Бокъоты Ф., 13.14 къорд

Дыккаг бынат: Гӕппуаты Р., 13.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: Плиты Д., 12.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.)



Жюри лӕппутӕн аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ:

Фыццаг бынат: - Касӕбиты Т., 6.15 къорд

Дыккаг бынат: - Арзамасцев А., 17.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Гатыкаты Х., 17.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.) (ацыдысты)



Кӕсӕг: Егоров Владлен 12.14 къорды ахуырдзау бацӕттӕ кодта Цомариттаты Ростиславы

ӕмдзӕвгӕ: «КУЫВД»



(Хорзӕхджын ӕрцыд грамотӕйӕ)



Кӕсӕг: Ныр та цыбыр рекламон аулӕфт: зары 14.14 къорды ахуырдзау

Кичко Анастасия. «Мӕ Ирыстон»



Кӕсӕг: Абон нӕ колледжы ахуырдзаутӕ тынг бацӕттӕ кодтой сӕхи, алыхуызон ирон хӕринӕгты равдыстмӕ. Алы къорд дӕр бацӕттӕ кодтой алыхуызон хикъухтӕй конд экспонаттӕ ӕмӕ плакаттӕ. Уӕлдӕр ранымайгӕ жюрийы архайджытӕ хъуамӕ сбӕрӕг кӕной алы номинацийы дӕр, ӕмӕ сын аккаг аргъ скӕной.

Табуафси !









  1. Жюри аргъ кӕны ирон «чъиритӕн» адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Бокъоты Ф., 13.14 къорд

Дыккаг бынат: - Дулаты С., 6.15 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «бӕгӕны»йӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Бибылты И., 15.15 къорд

Дыккаг бынат: - Дзуккойты А., 15.15 къорд

(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «дзыкка»йӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - КъозатыА,, 17.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «кӕрдзын»ӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Чертхъоты О., 14.14 къорд

Дыккаг бынат: - Гӕбӕраты Р., 15.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Икъаты Ч.М.,7.15 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «физонӕг»ӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Дулаты С., 6.15 къорд

Дыккаг бынат: - Дулаты Х., 6.15 къорд

(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «цывзыцӕхдонӕн»ӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Бегизты Т., 15.15 къорд

Дыккаг бынат: - Грудаева Д., 18.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Икъаты Ч., 7.15 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «кувдтытӕн » арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Лазарты Ӕ., 17.14 къорд

Дыккаг бынат: - Куымӕриттаты И., 14.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Гатыкаты Х., 17.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).











  1. Жюри аргъ кӕны «плакат» тӕн арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Бокоты Ф., 13.14 къорд ӕмӕ № 5.16 и 5.14 къордтӕ

Дыккаг бынат: - Мухтараты Л., 18.14 ӕмӕ 8.16 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Акопян С., 14.14 къорд ӕмӕ Тедеты Л., 12.16 къорд.



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны «къухми» йӕн арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Бокоты Ф., 13.14 къорд ӕмӕ Савицкая Я., 13.14 къорд

Дыккаг бынат: - Елоева Д., 15.15 къорд ӕмӕ Плиты Д., 12.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Бибилты И., 15.15 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны рӕсугъддӕр «фӕззыгон композици»йӕн арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Икъаты М. ӕмӕ Борадзты И. 6.15 ӕмӕ 7. 15



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «кувтытӕн » арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: - Лазарты Ӕ., 17.14 къорд

Дыккаг бынат: - Куымӕриттаты И., 14.14 къорд

Ӕртыккаг бынат: - Гатыкаты Х., 17.14 къорд



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



Кӕсӕг: Уый адыл нӕ конкурс ӕрцыд йӕ кӕронмӕ. Ныхасы бар дӕттӕм нӕ колледжы хъомыладон куысты дирекоры хӕдивӕг Гӕцойты Эльбрусӕн.

Гӕцойты Эльбрус: Ахуырдзауты базонгӕ кодта сӕ аргъгонд ахст бынӕттимӕ, ӕмӕ стыр бузныг загъта конкурсы архайджытӕн. Загъта сын йӕ фӕндиӕгтӕ, ӕмӕ фыццаг ӕртӕ бынат чи бацахста, уыдон кӕй ӕрцӕудзысты кады грамотӕтӕй хорзӕхджын, уый.

Нӕ дзы ферох бузныг зӕгъын нӕ конкурс бацӕттӕгӕнӕг ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ дӕр:

  1. Габеты М.Д.

  2. Хохойты А.К.

  3. Дулаты З.В.

  4. Туаты Д.И.



Уый фӕстӕ арфӕйы ныхӕстӕ загъта, активондӕр къорды куратортӕн:

  1. Агъынаты М.А.

  2. Туаты Д.И.

  3. Джанайты С.Г.

  4. Абайты С.Г.

  5. Борадзты И.

  6. Икъаты М.

  7. Икъаты Т.

  8. Куппеты Т.Ю.

  9. Джиджойты Ф.К.







Стыр бузныг загъта конкурс чи рӕсугъд кодта уыдонӕн дӕр: Гӕбӕраты Роксанӕйӕн, Бадриты Дианӕ ӕмӕ Кичко Анастасияйӕн.



Уӕлдай бузныг та загъта нӕ конкурсы сӕраг архайӕг «САТАНА»йӕн, - Мӕхъиты Аленӕйӕн. Ӕмӕ сын балӕвар кодта сӕ цыппарӕн дӕр зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕ ӕмӕ грамотӕтӕ.



Кӕсӕг: Хӕрзбон зӕгъыны размӕ байхъусӕм Бадриты Дианӕйы зарӕг: «Хуры тын».

Конкурс«САТАНА» бацӕттӕ кодтой, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыр - гӕнджытӕ:

  1. Габеты М.Д.

  2. Хохойты А.К.

  3. Дулаты З.В.

  4. Туаты Д.И.



ХӔРЗБОН !

































































Ирон хӕринӕгтӕ ӕмӕ куывдтыты аргъгонд бынӕттӕ жюрийы фӕндонмӕ гӕсгӕ:





  1. Жюри аргъ кӕны ирон «чъиритӕн» адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат:______________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________________

Ӕртыккаг бынат:____________________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «бӕгӕны»йӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат:_______________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________________

Ӕртыккаг бынат:_____________________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «дзыкка»йӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат:_______________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________________

Ӕртыккаг бынат:____________________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «кӕрдзын»ӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: ____________________________________

Дыккаг бынат: ____________________________________

Ӕртыккаг бынат:__________________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «физонӕг»ӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат:_____________________________________

Дыккаг бынат: _____________________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________________

(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Жюри аргъ кӕны ирон «цывзыцӕхдонӕн»ӕн адмӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат:__________________________________

Дыккаг бынат: __________________________________

Ӕртыккаг бынат:________________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).





  1. Жюри аргъ кӕны ирон «кувдтытӕн » арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ гӕсгӕ:



Фыццаг бынат: _____________________________________

Дыккаг бынат: ____________________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты кады грамотатӕй).



  1. Дзебойты Жаннӕ Эричы чызг – нӕ колледжы дирекоры хӕдивӕг;

  2. Гаситы Изабеллӕ Цӕрайы чызг – нӕ колледжы музей «Подвиг»ы сӕргълӕууӕг;

  3. Дзебойты Беллӕ Степаны чызг - нӕ колледжы хӕрӕндоны сӕйраг повыр;

  4. Цориты Земфирӕ Михайлы чызг - нӕ колледжы повыр- кондитерты ахуыргӕнӕг;

  5. Гӕззаты Тамаз Алыксандры фырт - нӕ колледжы 28 къорды куратор;

6. Дзуккойты Аслан Барисы фырт - нӕ колледжы 11.15 къорды куратор;

7. Джиджджойты Алик Асланы фырт – нӕ колледжы ансамбыль «Хъазбеджы» сӕргълӕууӕг.

































































«Сатанайы конкурс»

Жюрийы фæндмæ гæсгæ бынæттæ дихгонд æрцыдысты афтæ:

  1. Чъиритӕ

Фыццаг бынат:______________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________________

Ӕртыккаг бынат:____________________________________



  1. Бӕгӕны

Фыццаг бынат:_______________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________________

Ӕртыккаг бынат:_____________________________________



  1. Дзыкка

Фыццаг бынат:_______________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________________

Ӕртыккаг бынат:____________________________________

  1. Кӕрдзынтæ

Фыццаг бынат: ____________________________________

Дыккаг бынат: ____________________________________

Ӕртыккаг бынат:__________________________________



  1. Цывзыцӕхдон

Фыццаг бынат:__________________________________

Дыккаг бынат: __________________________________

Ӕртыккаг бынат:________________________________



  1. Куывдтытӕ

Фыццаг бынат: _____________________________________

Дыккаг бынат: ____________________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________________



  1. Нывтæ

Фыццаг бынат: _____________________________________

Дыккаг бынат: ____________________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________________



  1. Къухми

Фыццаг бынат: _____________________________________

Дыккаг бынат: ____________________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________________





























































Жюрийы уæнгтæ:

  1. Моурауты Алан Лазыры фырт - нӕ колледжы директор

  2. Дзебойты Жаннӕ Эричы чызг – директоры хӕдивӕг

  3. Гæцойты Эльбрус Станиславы фырт - директоры хӕдивӕг хъомыладон куысты

4. Дзыгасты Розæ Романы чызг – математикæйы ахуыргæнæг

5. Туаты Мæринæ Уырызмæджы чызг – хæринаггæнджыты мастер















































Джанайты Светланӕ


1. « Дзыккутӕ быйын»ы конкурс чызджыты ᾽хсӕн.


(Ӕрмӕг: ӕртӕ бандон, сӕрвасӕнтӕ, кӕсӕнтӕ, ӕмӕ заколкӕтӕ).



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат:________________________________

Дыккаг бынат: ______________________________

Ӕртыккаг бынат:_____________________________



(Кӕцытӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн призтӕй.)



2. «Дзыккутӕ быйын»ы конкурс лӕппуты ᾽хсӕн.



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат:_____________________________

Дыккаг бынат: ____________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн призтӕй)



3. Ӕртыккаг цыбыр конкурс « Картофтӕ стъигъын», чызджыты ᾽хсӕн.

(Ӕрмӕг: фӕйнӕ ӕртӕ картофы, кӕрдтӕ ӕхсӕз ӕмӕ тӕбӕгътӕ дӕр ӕхсӕз)



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат:_____________________________

Дыккаг бынат: _____________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________



4. Цыппӕрӕм цыбыр конкурс « Картофтӕ стъигъын», лӕппуты ᾽хсӕн.



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ гӕсгӕ: Фыццаг бынат:_____________________________

Дыккаг бынат: ____________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________









(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн призтӕй)









Жюрийы архайӕг: Джанайты С.А. «__» /________________/











АБАЙТЫ СВЕТЛАНӔ ГЕОРГЙЫ ЧЫЗГ





  1. Конкурс «Чи тагъддӕр», «Цӕппузыртӕ хуыйын».



(Ӕрмӕг: ӕртӕ хъуымацы гӕбаз, ӕртӕ цӕппузыр ( цыппар, дыууӕ ӕмӕ иу сынкимӕ), суджинтӕ ӕмӕ ӕндӕхтӕ)



Жюри аргъ кӕны рӕстӕгмӕ ӕмӕ гъӕдмӕ гӕсгӕ:

Фыццаг бынат:________________________________

Дыккаг бынат: _______________________________

Ӕртыккаг бынат:______________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн призтӕй)





2. Конкурс «Чи тагъддӕр», «Сывӕллон тухын», чызджыты ᾽хсӕн.



( Ӕрмӕг: ӕртӕ куклӕ ӕмӕ ӕртӕ тухӕн кӕттаг хъуымацы).



Жюри чызджытӕн аргъ кӕны рӕстӕгмӕ ӕмӕ гъӕдмӕ гӕсгӕ:

Фыццаг бынат:_____________________________

Дыккаг бынат:_____________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________



(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн призтӕй)







3. Конкурс «Чи тагъддӕр», «Сывӕллон тухын», лӕппуты᾽хсӕн.



Жюри лӕппутӕн аргъ кӕны рӕстӕгмӕ ӕмӕ гъӕдмӕ гӕсгӕ:

Фыццаг бынат:______________________________

Дыккаг бынат: ____________________________

Ӕртыккаг бынат:___________________________





(Хорзӕхджын ӕрцӕудзысты зӕрдылдарӕн призтӕй). (Ацыдысты)





Жюрийы архайӕг: Абайты С.Г. «__» /______________/









































































Давайте вместе Землю украшать 
 

Давайте вместе Землю украшать,
Сажать сады, цветы сажать повсюду.
Давайте вместе Землю уважать
И относиться с нежностью, как к чуду!


Мы забываем, что она у нас одна
 
Неповторимая, ранимая, живая.
Прекрасная: хоть лето, хоть зима…
Она у нас одна, одна такая!



Прогулка 

Мы приехали на речку
Воскресенье провести,
А свободного местечка
Возле речки не найти!

Тут сидят и там сидят:
Загорают и едят,
Отдыхают, как хотят,
Сотни взрослых и ребят!

Мы по бережку прошли
И поляночку нашли.

Но на солнечной полянке
Тут и там – пустые банки
И, как будто нам назло,
Даже битое стекло!

Мы по бережку прошли,
Место новое нашли.

Но и здесь до нас сидели;
Тоже пили, тоже ели,
Жгли костер, бумагу жгли –
Насорили и ушли!

Мы прошли, конечно, мимо...
– Эй, ребята! – крикнул Дима. –
Вот местечко хоть куда!
Родниковая вода!
Чудный вид!
Прекрасный пляж!
Распаковывай багаж!

Мы купались,
Загорали,
Жгли костер,
В футбол играли –
Веселились, как могли!
Пили квас,
Консервы ели,
Хоровые песни пели...
Отдохнули – и ушли!

Мы приехали на речку
Понедельник провести,
Только чистого местечка
Возле речки не найти!

(С. Михалков)



Получите свидетельство о публикации сразу после загрузки работы



Получите бесплатно свидетельство о публикации сразу после добавления разработки


Олимпиады «Зимний фестиваль знаний 2025»

Комплекты учителю



Качественные видеоуроки, тесты и практикумы для вашей удобной работы

Подробнее

Вебинары для учителей



Бесплатное участие и возможность получить свидетельство об участии в вебинаре.


Подробнее