«Весенне-летний фестиваль знаний 2024»

Конспект урока "Грис Плиев!

Майы мæй уæлдай æхсызгон у нæ бæстæйы адæмтæн тæккæ стырдæр, кадджындæр бонæй- 9 майы бæрæгбонæй. Уый у Стыр Уæлахизы бæрæгбон. Æрхастой нын æй Фыдыбæстæйы кад сæ риутæй чи бахъахъхъæдта, уыцы буц хистæртæ. Уыдон абоны царды сæрвæлтау удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ

Олимпиады: Русская литература 5 - 11 классы

Содержимое разработки

Темæ: «Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæры хъысмæт».

(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы»-мæ гæсгæ).


Урочы нысан: а) аив литературон уацмысы фæрцы ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт æвзæрын кæнын;

б) хъæбатыр хæстонтæн, нæ кадджын хистæртæн, ныййарджытæн сæ аргъ кæныныл ахуыр кæнын.


Урочы фæлгонц: а) Плиты Грисы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Атакæ».

б) Санахъоты С. цыртдзæвæны ныв «Гæздæнты авд æфсымæрæн».

Техникон фæрæзтæ: магнитофон, Гæздæнты авд æфсымæры зарæг, «Тохы зарæг», Р. Гамзатовы зарæг «Журавли».

Урочы цыд

Ахуыргæнæджы разныхас

Майы мæй уæлдай æхсызгон у нæ бæстæйы адæмтæн тæккæ стырдæр, кадджындæр бонæй- 9 майы бæрæгбонæй. Уый у Стыр Уæлахизы бæрæгбон. Æрхастой нын æй Фыдыбæстæйы кад сæ риутæй чи бахъахъхъæдта, уыцы буц хистæртæ. Уыдон абоны царды сæрвæлтау удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ:

Скъоладзау: Карз тохы заман бæсты сæрвæлтау

Знаджы гæнах уæ риутæй састат.

Уæддæр нæ буцæй нæ цардуалдзæджы

Уæ фæллад къухтыл бирæ фæхастат.

(Чеджемты Æ.)

Скъоладзау: Æнусон кад æмæ намыс Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард æвгъау чи нæ кодта, уыдонæн. Махæй рох хъуамæ макуы уа, цы стыр хорзæхы нын бацыдысты нæ кадджын хистæртæ, уый. Мах та сын хъуамæ уæм, сæрыстыр кæмæй уой, ахæм кæстæртæ.

Ахуыргæнæг: Нæ урочы сæйрагдæр нысан æрныхас кæнын:

а) хъæбатыр хистæрты æгæрон æхсарыл;

б) тыхджын патриотизмыл;

в) адæймаджы кад æмæ намысыл;

г) ныййарæджы трагедион хъысмæтыл.


ЭПИГРАФ:

Хæст лæгмар у, цард та дзы-æнуд.

Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид…

Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,

Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!

Скъоладзау: Хæст…..Хæрз цыбыр, фæлæ уæззау дзырд. Зæрдæ ныккæрзы, уæнгтæ баризынц, сæры хъуын арц сбады æрмæст йæ койæ дæр.


1941 аз. 22 июнь.

Æвæццæгæн, уыцы сæрдыгон райсом алчи куывта амондджын бонмæ, фæлæ цард мæнгард у, æмæ æрвнæрæгау нæ бæстæйыл азæлыд: «Райдыдта хæст!»

Скъоладзау: Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау, сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ.

«Цом та гæрзифтонгæй мах дæр

Хæсты быдырмæ фæдисæй!

Скæнæм хъæбатырдзинадыл

Адæмæн ахсджиаг кадæг».

(Мыртазты Б.)

Скъоладзау: Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд 90 мин адæймаджы. Уыдонæй хæсты фæмард æмæ æбæрæгæй фесæфт 47 мин адæймаджы.

Сæ хæдзæрттæм нал сыздæхтысты Гæздæнты æмæ Кобегкаты 7-гай æфсымæртæ; 7 хæдзармæ – 6 гæйттæй, 39 хæдзармæ – 5 гæйттæй, 92 хæдзармæ – 4 гæйттæй, 100-гай хæдзарттæм – 3 гæйттæй.

Ахуыргæнæг: Æрмæст Ирыстоны хъæбултæй Советон Цæдисы хъæбатыры ном райстой 33 хæстоны. Плиты Иссæ та Советон Цæдисы 2 хатты хъæбатыр æмæ Монголы Республикæйы хъæбатыры ном.

Байхъусæм- ма уæдæ, адæм Иссæйыл цы зарæг скодтой, уымæ. (Иссæйы зарæг).

Ахуыргæнæг: Зæгъут -ма, кæй зонут хæстон поэттæй?

  • Плиты Г. – æмдз. «Æртхутæгдон»

Калоты Х. – æмдз. «Кард»

Кочысаты М. – æмдз. «Фыдыбæстæ»

  • Цы уацмыстæ ранымадтат, уыдонæн цавæр у сæ сæйраг хъуыды?

  • Хæстон темæйыл фыст уацмыстæй кæцыфæнды дæр æвдисы хæсты æвирхъау цаутæ æмæ æнæкæрон уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ.

  • Фыдыбæстæйы хæсты темæйыл цавæр уацмыстæ ныффыста Грис?

  • Грисæн 1995 азы рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Атакæ».

  • Цæмæй бæрæг у, Грис æцæг патриот у, уый?

  • Уый йе'мдзæвгæ «Уæлахизы кадæджы» фыста:

«Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ Сæрибар» -

Циу цард æнæ сымах? – Ингæн.

  • Цæмæй бæрæг у, поэт йæ райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй никуы рацыдаид, уый?

  • Уымæн æвдисæн йе 'мдзæвгæйы рæнхъытæ:

«Хæстæн йæ тæккæ тъыфылмæ бырсдзынæн,

Кардыл фыдгулы туг не 'суыдзæн хус,

Иры сыгъдæг ном нæ фегад кæндзынæн

Цалынмæ судза мæ цæстыты рухс!»

Ахуыргæнæг: Æцæгдæр афтæ куы нæ уаид, уæд нæ равзæрдаид, адæмы зæрдæтæ цы уацмыс фæриссын кодта, уый – балладæ «Авд цухъхъайы».

  • Цы равдыста Грис балладæйы?

  • Грис балладæйы равдыста Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад, сæ кадджын мæлæт, сæ ныййарæг мады æвирхъау уавæр хæсты рæстæг.

Бакæсæм ма балладæ «Авд цухъхъайы »-йæ скъуыддзагмæ. (Автор, мад æмæ 1-аг лæппу).

Ахуыргæнæг: Цавæр уавæрты фæмард сты иннæ æфсымæртæ та?

Скъоладзау: Дзæрæхмæт фæмард Мæскуыйы бынмæ:

«Ма хон мæн гыцци дæ цурмæ

Бабырстон фыдгултæм тыгъды

Фехстон развæлгъау гранат

Æмæ суагътон автомат,

Гъестæй бацыдтæн æрмхæсты»

Знæгтæй амардта фарасты, стæй йæхæдæг дæр фæмард хъæбатырæй.

Скъоладзау: Хадзысмел йæ цард ратта Севастополы зæххыл.

«Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй

Хъуамæ ратта уæд йæ уд

Заргæ рацыдтæн солдат

Хæсты 5 сырды ныццагъдтон,

Стæй мæ хъуыры туг фæбадт»

Скъоладзау: Махарбег Клейсты фсадмæ йæхи ратта уацары.

«Мæнæ диссаджы сахат

Нæй мæнæн рæсугъддæр амæй

Фадат амæлынæн

Хъуамæ скæнон ам мæхицæн кад.

Иу сæррæтт! – мæхи йæм фехстон…

Ацахстон йæ къубал Клейстæн,

Хурхыл андæгъди мæ къух.

Уайтагъд инæлар ныххурх

Æмæ зæххы адаргъ мардæй

Фæлæ хъахъхъæнæг фæкаст

Ахæм цæф фæкодта кардæй, -

Атахти мæ уд æваст.»

Скъоалдзау: Шамиль æмæ Созыр – дыууæ фаззоны иумæ басыгъдысты танчы.

Иумæ бадтыстæм нæ танчы

Най дæр кодтам иумæ знаджы, -

Бафтыдтам Германыл зынг

Знæгтæ не 'ппæлдзысты махæй

Ахæм най сын кодтам цалхæй –

Нал сæ къух уыд, нал дæр къах.

Скъоладзау: Хасан – æфсымæрты кæстæр, 17 аздзыдæй фæмард Белорусы зæхх хъахъхъæнгæйæ.

«Уый уæлахизы къæсæрыл

Мард æнæнхъæлæй фæци

Хæст Берлины цыд кæронмæ

Сыгъд цъæх пиллонæй Рейхстаг,

Акалдта йæ гæрзтæ знаг

Уæд америкæгты бомбæ

Не 'хсæн фæхæлди». Цæмæн?

Мад, лымæнтæ сæ куы хуыдтон

Уæд цæмæн амардтой мæн?

Ахуыргæнæг: Куыдæй бантыст поэтæн ныййарæг мад æмæ йæ зынгхуыст хъæбулты хъысмæт равдисын?

  • Поэт спайда кодта фæлхатгонд рæнхъытæй:

Мад ын ныр йæ цухъхъа дауы,

Æмæ хус цæстæй лæууы

Айнæг сау фæрчытæй хауы,

Арв цыхцырджытæй кæуы.

  • Куыд æмбарут фæстаг дыууæ рæнхъæн сæ хъуыды?

  • 7 æфсымæры мадæн йæ фыртты мæстæй йæ зæрдæ ныддур, йæ тæригъæдæй айнæг фæйнæрдæм атондзæн.

  • Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт балладæ «Авд цухъхъайы»?

  • Поэт спайда кодта эпитеттæй: «Сау рыг», «уынгæг бон», «ныллæг хæдзары», «фыдбоны балцы», «цæринаг авд хъæбулы»; олицетворенитæй: «бонгай хæст куы фæци давд». «джихæй цухъхъатæ кæсынц».

  • Цавæр у балладæйæн йе 'взаг?

  • Балладæйæн йе 'взаг у аив, хъæздыг. 2-3 цыбыр хъуыдыйадæй саразы тыхджын фæлгонцтæ. « - Иу сæррæтт! – Мæхи йæм фехстон» «Хурхыл андæгъди мæ къух».

  • Цавæр цæстæй кæсы Грис хæстмæ?

  • Хæст Грисæн у æнæуынон, уымæн æмæ хæст лæгмар у. Знаджы хоны «сырд», «фыдгул», «знаг». Хæст ын у антигуманон фæзынд. Алы адæймаг дæр райгуыры цæрынæн, фæллой кæнынæн:

«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй

Цард рæсугъд кæнынæн у».

  • Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы»?

  • Гæздæнты æфсымæртæ авдæй дæр бацарæфтыд сты хæсты. Ницыуал баззад ныййарæгæн йæ фырттæй сæ цухъхъаты йеддæмæ. Кæд сæхæдæг фесæфтысты, уæддæр сæ ном баззайдзæн æнусмæ:

«Æмæ кадимæ нæ фæстæ

Зарæг анæрдзæни дард, -

Мах хæларæй радтам бæстæн

Авд æфсымæрæй нæ цард!»

  • Цавæр фæлгонц у мад балладæйы?

  • Балладæйы мад у символикон фæлгонц. Мады фæлгонцæй Грис равдыста æппæт хæстæфхæрд ныййарджыты уæззау уавæр.

Поэт арæхсджынæй спайда кодта ахæм дзырдтæй: «баззад афтидæй сæ мад», «ингæнтæ дæр афтид», «цухъхъаты дæр удтæ нæй»,«къулбæрзæйæ дзуры цухъхъатимæ».

  • Мады æгæрон уарзондзинад йæ хъæбултæм куыд раргом кодта поэт?

  • Мад йæ фырттимæ дзургæйæ алкæмæн дæр ссары бæлвырд æмæ фæлмæн ныхæстæ: «уæ , мæ фыццаг хур, «чиныгуарз Махар», «уæ мæ дыууæ уарзон хуры».

  • Мад адæргæй цы фæуа, уый нæ зоны. Йæ хъæбулты æфхæры:

«Иунæг уæ йæ хабар хæстæй

Уæд куыд нæ зæгъы мæнæн?»

  • Мад фыртты уарзы æгæрон уарзтæй . Суанг ма сын сæ мæлæт дæр «хатыр» кæны:

Фæлæ мады зæрдæ бары,

Цоты раз æдых у мад.

Мады фæллой уын хæлар уæд,

Рухс дзæнæт та уын – бынат.

  • Цы цæстæй кæсынц æфсымæртæ сæхæдæг сæ мадмæ?

  • Уыдон сæ ныййарæгыл сты æнувыд, сæ ныхас мадимæ у фæлмæн. Æфсымæрты хистæр ыл сагъæс кæны:

«Мæ хæстæфхæрд ныййарæг…

Мæнæй фæдæ æдарæг».

  • Æфсымæртæй алчидæр йæхи хъахъхъæны ныййарæг мады зæрдæхудтæй. Ныййарæг мад сын у зынаргъ, сæ иуы дæр нæ фæнды ныййарæджы зындзинад, æрхæндæгдзинад:

«О, нæ мад, æрхуымæй ма кæс,

А уынгæг бон фидар лæуу,

Асур цæсгомæй дæ сагъæс…»

  • Мады йæ авд хъæбулы мæлæт уырны?

  • Поэт уый тыххæй зæгъы:

«Фæлæ се сæфтыл бæлвырдæй

Зæрдæ не 'ууæнды уæддæр».

Уый ууыл дзурæг у, æмæ мад йæ бонтæ æрвиты йæ хъæбултæм æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Ахуыргæнæг: Нæмыг куы атæхы, уæд фыццагдæр сæмбæлы мады зæрдæйыл. Зæрдæйы хъæдгæмттæ та æрæгмæ дзæбæх кæнынц. Ныййарæгæн йæ хъæбул нæ мæлы, йæ фæстаг сулæфты онг дæр цæры йæ зæрдæйы.

  • Æвæдза, диссаг у аивады тых. Поэт – скульптор, нывгæнæг…

Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæры фæлгонцтæ поэт равдыста аив дзырдты фæрцы, цухъхъаты уд бауадзыны хуызы.

Скульптор Санахъоты Сергей та æфсымæрты нæмттæ сæнусон кодта æмæ сæ равдыста хърихъуппыты хуызы.

Фæлæ сæ алчидæр иттæг хорз равдыста Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, ныййарæг мады уæззау хъысмæт.

Урочы кæрон ахуыргæнæг кæсы

Гæджиты Георы æмдзæвгæ «Мад»-æй скъуыддзаг.

Мад.

Банцад хæст, ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй йæ ристæ…

Уарзон чызджы ракуырдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой


Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр

Не ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл

Не ууæнды, кæй банцад тохы хъæр.


Бирæ 'хсæвты не 'рцъынд кæны цæст

Иу бон дæр æнæ кæугæ нæ фæци.

А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци.


Получите свидетельство о публикации сразу после загрузки работы



Получите бесплатно свидетельство о публикации сразу после добавления разработки


Олимпиады «Весенне-летний фестиваль знаний 2024»

Комплекты учителю



Качественные видеоуроки, тесты и практикумы для вашей удобной работы

Подробнее

Вебинары для учителей



Бесплатное участие и возможность получить свидетельство об участии в вебинаре.


Подробнее