«Зимний фестиваль знаний 2025»

Ирыстоны экологии уавар

В конспекте дана характеристика о экологической ситуации в Осетии

Олимпиады: Литературное чтение 1 - 4 классы

Содержимое разработки


Темæ: Ирыстоны экологийы уавœр

Нысан: 1. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.

2. Ног æрмæгыл куыст. Æрдзыл æрдзурын, уарзондзинад æм гурун кæнын, аудын ыл.

3. Бамбарын кæнын æрдз æмæ адæймагæн иу кæй у сæ хъысмæт.

Урочы хуыз: Ныхасы рæзтыл куыст.

Цæстуынгæ æрмæг: 1. Æрдзимæ баст нывтæ.

2. Слайдтæ.


УРОЧЫ ЦЫД.

Бацæттæгæнæн хай.

I. Х/к сбæрæг кæнын. (Сочинени «Мæ уарзон афæдзы афон»).

II. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын:

1. Кавказаг мыртыл афæлгæст (мыр – дзырд – тæлмац) – разминкæ.

- Ныр та кавказаг мыртимæ æрхъуыды кæнут дзырдтæ, æрдзимæ баст.

- Семæ саразын дзырдбæстытæ.

- Сæ хуыздæртимæ 3-4 хъуыдыйады.

2. Национ символикæ сфæлхат кæнын:

- Карточкæтæм гæсгæ дзырдтæ тæлмац кæнын.

- Цы хауы национ символикæмæ?

- Лæмбынæг æрлæуыдыстæм цæуыл? (гербыл, тырысайыл)

- Цы æвдыст цæуы гербы?

- Цæмæй дзы æвдыст цæуы хæхты æндæрг.

- Цавæр сты ирон адæм?

- Цал хуызы ис нæ тырысайæн?

- Цы нысан кæнынц æртæ хуызы? (урс – сырх – бур).

- Кæм фæйлауы æдзухдæр нæ тырыса?

- Цы нæ фидауы æнæ тырыса?


III. Ног æрмæгыл бакусын:

1. Аудировани

Хæхбæсты æрдз у тынг рæсугъд. Уым цыма хур хæстæгдæр вæййы, стъалытæ ирддæрæй ферттивынц. Дардмæ фæхъуысы дымгæйы хъæлдзæг зарын, æхсæрдзæнты хъазт. Адæймаджы зæрдæ цин кæны ахæм æрдзы рæсугъддзинæдтæй. Ирыстоны хæхты æмæ кæмтты алкæддæр хъуысыд æрдзы зарын.

- Цæуыл цæуы ныхас тексты?

- Кæм у тынг рæсугъд æрдз?

- Цы ферттивы ирддæрæй?

- Цæй зарын фæхъуысы?

- Цæуыл фацин кæны адæймаг?

- Кæм хъуысæд алкæддæр æрдзы зарын?

Æвæццæгæн æй бамбæрстат абон нæ урочы сæйраг темæ баст у æрдзимæ. Мах æрдзурдзыстæм æрдзы рæсугъддзинæдты тыххæй. Мæнæ ма фæйнæгмæ ракæсæм æмæ фенæм цавæр хорздзинæдтæ ис æрдзмæ

Идут слайды, показывающие красоту природы.

1. пейзаж гор

2. пейзаж моря

3. лес

4.водопад

5. птицы

Пейзажтæй алкæуылдæр лæмбынæгдæр æрлæууын.

Хæхтæ

- Цавæр хæхтæ зонут Ирыстоны?

- Цавæр сты нæ хæхтæ? (рæсугъд, бæрзонд, цъитиджын)

- Хæхты уæлдæф цавæр у? (сыгъдæг, уазал)

- Чи уæ вæййы хæхты улæфынмæ?

Денджыз.

- Цавæр денджызтæ зонут?

- Денджызы был улæфынмæ адæм цавæр афæдзы афон фæцæуынц?

- Цавæр у денджыз? (арф, уæрæх, æнæкæрон, хъарм, сыгъдæг).

Хъæд

- Цы зайы хъæды?

- Цавæр бæлæстæ зонут?

- Ныр та ма мын зæгъут, цавæр цæрæгойтæ цæры хъæды?

- Хъæд цæмæй рæсугъд вæййы? (рæсугъд бæлæстæй, мæргъты зарынæй, алыхуызон цæрæгойтæй).

Мæргътæ.

- Цавæр мæргътæ зонут?

Мæнæ ныр цы пейзажтæ федтам, уыдон хъуамæ афтæ рæсугъд уой цæрæнбонты, цæмæй сæ адæймаджы зæрдæ райа. Уый тыххæй та мах хъæуы хъахъхъæнын нæ рæсугъд æрдз. Хъыгагæн, уый ныр нæ къухы не’фты.

Ныр та лæмбынæгдæр æрлæудзыстæм текстыл. Тексты бындурыл æрдзурдзыстæм адæймаджы цæстæнгасыл, йæ алыварс цы дуне ис, уый куыд хъахъхъæны, аргъ кæны æрдзы бирæ хорздзинæдтæн.

Текст «Адаймаг æмæ дуне».

1. Ног лексикæйыл бакусын:

а) цавд сæвæрын

б) раст дзурынадыл бакусын

тæрсын – бояться,

лæмæгъ – слабый, бессильный,

æнæхатыр – безжалостный, жестокий,

маргджын – ядовитый,

бырон – мусор, отбросы,

цад – озеро, пруд,

фидæн – будущее.

2. Ног дзырдтимæ дзырдбæстытæ аразын: (светлое будущее, ядовитый воздух, безжалостный человек, бояться грома и молнии, сильный гром, яркая молния). Дзырдбæстытимæ – хъуыдыйæдтæ (3 – 4 хъ.)

3. Текстыл куыст.

1. Ахуыргæнæг кæсы текст.

2. Хъуыдыйадгай алы скъоладзау дæр кæсы æмæ тæлмац кæны.

3. Текст сæхæдæг дих кæнынц абзацтыл (3 абз.)

4. Скъоладзаутæ абзацгай кæсынц текст æмæ тæлмац кæнынц.

5. Алы абзацмæ дæр дæттынц фарстатæ.

I. абзац – Цæмæй тарсти раздæр адæймаг?

Цы йын лæвæрдта æрдз?

II. абзац – Цавæр сси адæймаг?

Цы ссардта уый?

III. абзац – Лæмбынæгдæр æрлæудзыстæм 3 – аг абзацыл. Уæхæдæг ма раттут фарст фыццаг хъуыдыйадмæ.

- Цавæр у æрдз абон? (сыгъдæг æмæ райдзаст…)


II часть слайдов. Загрязненность.

Æркæсæм ма слайдтæм (фæйнæгыл). Слайдты раттут фарстайæн текстыл æнцойгæйæ

- Маргджын быронæй байдзаг сты денджызтæ æмæ цадтæ

- Кæсæгтæ мæлынц нефтæй дзаг доны

- Хъæдтæ бамыр сты, уымæй æмæ судзынц, бæлæстæ калынц хъæдæрмæджы. Уый тыххæй нал хъуысы цъиуты зарын, къаддæр кæнынц хъæддаг цæрæгойтæ.

- Хæхтæ ризынц.

Нывтæм кæсгæйæ бамбæстам, æрдзæн аргъ кæй нал кæнæм, йе’рдзон фæзындтæ йын кæй халæм. Африкæйы стырдæр районтæй иуæй пылты раластой æндæр ранмæ. Уый фæстæ ахуыргæндтæ кæсынц, æмæ уым цы мæргътæ цард, уыдон сæфын райдыдтой. Фæстагма хуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй-иу пылты къахдзæфты фæдты бирæ рæстæг фæлæууыд къæвдайы дон. (Африкæйы та арæх нæ вæййы уарын) æмæ уыдонæй мæргътæ састой сæ дойны (т.е. утоляли жажду). Гæнæн нал уыд, æмæ уыцы районмæ ногæй æрбаластой пылты. Ацы дæнцæг ууыл дзурæг у, æмæ æрдзон закъонтæн халæн кæй нæй.

3. Æмдзæвгæйыл куыст.

Ныр та æркæсæм лæвæрд æмдзæвгæмæ.

1) бакæсын æмдзæвгæ;

2) иумæ тæлмац кæнын

- Зæгъут ма мын, ацы æмдзæвгæ нæ темæимæ æмæ текстимæ баст у?

- Ссарут ма сæ мидисмæ гæсгæ æмхуызон хъуыдыйæдтæ.

- Адæймаг æрдзæн тæригъæд нал кæны уый куыд бæрæг у:

а) уæлдæф сси чъизи, байдзаг хъылмайæ

б) дæттæм химикаттæ калынц, уый тыххæй мæлынц кæсæгтæ.

Ацы хабæрттæ иууылдæр аразы адæймаг. Уый халы «экологи æмæ диалектикæйы» зонындзинæдтæ.

- Радзырды фæстаг хъуыдыйад – фарстайын æмдзæвгæйы кæцы хъуыдыйадæй ис раттæн?

Æркæсæм ма уæдæ нывтæм, цавæр фыдмитæ?


III часть слайдов. Катастрофы.

Æрдзæн аргъ кæй нал кæнæм, уымæ гæсгæ ныл æрцæуы ахæм стыр бæллæхтæ. Мæнæ сæ федтат, куы-иу ран дæттæ раивылынц, иннæ ран хæхтæ нызмæлынц æмæ дуне адæм фесæфы. Афтæ чи хъуыды кæны æмæ мах æрдзæй тыхджындæр стæм, уый рæдийы. Æрдз куыд барæвдауай, афтæ дæ уый дæр барæвдаудзæн. Фæстаг рæстæг цы бæллæхтæ æрцыд, уыдон куы райсæм, уæд ма мын зæгъут æрдз нын цавæр дзуапп дæтты нæ тыхмитæн:

Денджыз – Цинами Тайланды уылæн-хъаймæт.

Хæхтæ – Гæналдоны бæллæх – Хъолайы цъити.

Хъæдтæ – Австралийы хъæдтæ сыгъдысты.

Эпиграфмæ раздæхын

Заключени: Цæмæй фидæны æрдз фыдмитæй дзуапп ма дæтта, уый тыххæй йын кæд æххуыс нæ кæнæм, уæд æй хъыгдаргæ дæр ма кæнæм, абон афтæ чи хъуыды кæны æмæ мах æрдзæй тыхджындæр стæм, уый рæдийы. Æрдз куыд барæвдыуай, афтæ дæ уый дæр барæвдаудзæн.

Фæстагмæ уын бакæсдзынæн Аланæйы сочинени. (Аланæ фарон каст фæци не скъола).

«Атмосфере передышку»

Нæ йын аргъ кодтам æрдзæн знон, ома ивгъуыды æмæ ныр уыцы «знонæн» раздахæн нал ис.

(Что надо сделать, чтобы природа была чистой).

1. Æрдз хъæуы хъахъхъæнын.

2. Йæ æрдзон фæзындтæ йын нæ хъæуы халын!

3. Бæлæстæ нæ хъæуы калын.

4. Денджызтæм æмæ цадтæм нæ хъæуы бырон калын.

5. Цæрæгойты марын.

Получите свидетельство о публикации сразу после загрузки работы



Получите бесплатно свидетельство о публикации сразу после добавления разработки


Олимпиады «Зимний фестиваль знаний 2025»

Комплекты учителю



Качественные видеоуроки, тесты и практикумы для вашей удобной работы

Подробнее

Вебинары для учителей



Бесплатное участие и возможность получить свидетельство об участии в вебинаре.


Подробнее