«Зимний фестиваль знаний 2026»

«Авд цухъхъайы»

Фыды бæстæйы Стырхæст.Йæныхмæ æрлæууыд Советон адæм.

Бакæсынвидеомæ «Авдцухъхъайы».

Олимпиады: ИЗО 1 - 6 классы

Содержимое разработки

Урочы темæ: Мады рухс фӕлгонц Плиты Грисы «Авд цухъхъайы»-мӕ гӕсгӕ.

Урочы эпигрæф:



Урочы нысан: 1. Æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæтыл ӕрдзурын;

2. Зынгхуыст хæстонты ном мысын.

3. Рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кæнын патриотон æнкъарæнтæ.

Урочы фæлгонц: 1. Плиты Г рисы æмдзæвгæты æмбырдгондтæ.

2. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл фыст чынгуытæ.

3. Санахъоты Сергейы цыртдзæвæны ныв «Гæздæнты авд æфсымæры».

4. Стендтæ, техникон фæрæзтæ: киноныв «Они сражались за Родину».

Урочы цыд.

Ахуыргæнæг:

- Уæ бон хорз! Абон нæм урочы ис уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм.

Истори адæмæн радта цивилизаци æмæ культурæ, фæлæ дзы бирæ уыд хæстытæ дæр.

Ныффыссут дзырдтæ ассоциацитæ дзырд «хæстмæ».

Куыд уæм кæсы, цы дзырдтæ ныффыстат, уыдон хорз дзырдтæ сты?



- Цы дзы æвдыст цæуы?

- Ирыстонæй исчи архайдта уыцы хæсты?

- Ацыд бирæ адæм, бирæ фæсивæд, се хсæн ирон фысджытæ дæр(слайд). Бирæтæ дзы фæстæмæ нал сыздæхт(Калоты Х., Кочысаты М. æ. æнд.)

- Кæимæ дзы базонгæ стут?

Кочысаты М., Калоты Х., Дзаттиаты Т., Плиты Г. æ. æнд.

- Уæдæ уыцы фысджытæй иу уыд Плиты Грис (слайд). Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Плиты Грисы уацмыстæ хæсты темæйыл.

- «Салдат», «Мад», «Æртхутæгдон», «Авд цухъхъайы».

-Цы хонӕм баллада?

Дзуапп:

-Балладæ у, сюжет кæмæн ис, ахæм лирикон уацмыс, æвдисы таурæгъон

кæнæ историон цаутæ, кады сгуыхтытæ æмæ æнахуыр хъысмæт.

Фарст:

-Уæдæ цавæр историон цауты бындурыл фыст у Плиты Грисы балладæ «Авд

цухъхъайы»?

Дзуапп:

Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Йæ ныхмæ æрлæууыд Советон адæм.

Бакæсын видеомæ «Авд цухъхъайы».

- Цы нысан кæнынц уыцы авд цухъхъайы?

- Уыдон сты Гæздæнты авд æфсымæры, кæцытæ ацыдысты хæстмæ, фæлæ фæстæмæ нал сыздæхтысты.

Равзарын:

Лæг йæ зонд æмæ къухтæй

Цард рæсугъд кæнынæн у,

Цардæн тас куы уа,- рæсугъдæй

Хъуамæ радта уæд йæ уд.


Алы адæймаг дæр райгуыры цæрынæн.

Ахуыргæнæг:

Хæст... Уый у лæгæвзарæн. Уый у адæмы моралон хъарутæ фæлварæн æмæ

æфсымæрон адæмты раз къæмдзæстыг не сты ирон адæм.

Ницыуал баззад йæ фырттæй ныййарæг мадæн сæ афтид цухъхъатæ йеддæмæ.

Кæд сæхæдæг фесæфтысты, уæддæр сæ хъайтары ном, сæ кад æмæ намысы кой баззайдзæн æнусмæ.

Фарст:

- Куыд равдыста поэт ныййарæг мады уæззау уавæр?

Дзуапп:

Ныййарæг мад сæ рæвдауы, цухъхъатæ йæ къухæй сæрфы æмæ семæ дзуры.

Ссарут –ма ацы рæнхъытæ:

Мад йæ хъæбулты рæвдауы

Цухъхъатæ йæ уырзтæй дауы,

Иуæй иннæмæ цæуы…

Айнæг сау фæрчытæй хауы,

Арв цыхцырджытæй кæуы.

  1. Зæгъут-ма, мад цы кусы?

  2. Æрдз йæхи куыд дары? Цæмæн?

- Ацы ныв æргом кæны мады стыр трагеди, йæ рыст бауромын нæ фæразынц айнæг æмæ арв дæр.


Фарст: Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт?


- Эпитеттæй: «сау рыг», «уынгæг бон», «ныллæг хæдзары», «фыдбоны балцы».

Олицетворенитæй: «Бонгай хæст куы фæци давд», «Арв цыхцырджытæй кæуы» æмæ а.д.

Барæнтæй: «ингæнау ныссабыр къæс», «фатау смидæг дæн».


Ацы цыппар рæнхъы фæлхатгонд цæуынц балладæйы алы хайы фæстæ, æмæ уый цы хуыйны?

- Рефрен …


Фарст: Цы цæстæй кæсы Грис хæстмæ?

Дзуапп: Хæст у Грисæн æнæуынон. Уымæн æмæ хæст лæгмар у. Знаджы хоны «сырд», «фыдгул», «знæгтæн у æгъатыр».

Фарст: Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы»?

Дзуапп: Гæздæнты æфсымæртæ авдæй дæр бацарæфтыд сты Фыдыбæсты Стыр хæсты азарæй. Ницыуал баззад йæ фырттæй ныййарæгæн сæ цухъхъаты йедтæмæ.

Фарст: Цавæр фæлгонц у мад балладæйы, реалон æви символикон?

Дзуапп: Балладæйы мад у символикон фæлгонц. Мады фæлгонцæй Грис равдыста æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæт.

Фарст: Цы цæстæй кæсынц æфсымæртæ сæ мадмæ?

Дзуапп: Уыдон сæ ныййарæгыл сты æнувыд. Сæ ныхас мадимæ у фæлмæн. Алчидæр йæхи хъахъхъæны мады зæрдæхудтæй. Ныййарæг мад сын у зынаргъ, райгуырæн бæстæ – адджын.

Урочы хатдзæгтæ:

Ахуыргæнинæгтæ дзурынц æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæ, адæймаджы кад, намыс, сæрыстырдзинады тыххæй:

Æнусон цардæй æнусон кад – хуыздæр.

Райгуырæн бæстæ адджын у.

Кадæн агурæн нæй, йæ фæдыл цыфæнды згъорд та у æнæпайда.



Кæронбæттæны бакæсын скъуыддзаг Гаджиты Георы æмдзæвгæ «Мад» - æй.

…Банцад хæст, ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ…

Уарзон чызджы рахуыдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой.

Фæлæ мад ныййарæг мад, уæддæр

Не ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл…

… А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци…



Фарст:

- Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд?

- Мах, рæзгæ фæлтæр, сæрыстыр стæм хæсты быдыры ирон лæг худинаг

æмæ æгад йæ сæрмæ кæй никуы æрхаста.

Уыдон стыр ном скодтой сæ адæмæн, æнæкæрон уарзтой Ирыстоны, сæ

дадзинты алайнаг туг хъазыд, сæ уæнгты нæртон тых уыд, сæ зæрдæты

ирон ныфс абухта.

Ацы мысинæгтæ чи амардис нæ хъæуынц, хъæуынц мах. Махæй рох ничи

у, æмæ ницы у. Адæмы сæрыл чи фесæфт. Се ‘ппæт дæр сты кад æмæ

намысы аккаг. Фыдыбæстæйы стыр хæсты архайджыты сгуыхтдзинадыл

хъуамæ хъомыл кæной рæзгæ фæсивæд.

Райгуырæн зæхх ирон лæгæн мады ад кæны. Бæлвырд у иу хъуыддаг:

зæххыл нæй æнусон цард, зæххыл ис æрмæстдæр æнусон кад.

Ираны стыр поэт Фирдауси фыста: æнусон ницы ис зæххыл, æнæмæлæт

сты æрмæст геройты сгуыхт æмæ куырыхоны ныхас.

Æрхæццæ кæны Стыр Уæлахизы 70 азы бон.

1941-1945 азты цы карз хæст уыдис, ахæм никуы уыд. Уый ахаста 30

милуан адæймаджы царды. Нæ бæстæйы æппæт нациты минæвæрттимæ

иумæ лæгдзинад æвдыстой Иры хæстонтæ дæр. Уыдон æвдыстой стыр

хъæбатырдзинад. Ууыл дзурæг сты сæ хæрзиуджытæ Ирыстоны минæвæрттæн.



Кæронбæттæн.

1.Абоны урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?

2.Цы райстат абоны урокæй уæхицæн?

3. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц ахæм уацмыстæ?

Байхъусын дзуаппытæм, сæвæрын бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.

Хæдзармæ куыст:

Ныффыссын нывæцæн: «Мæ мады рухс фæлгонц».







Получите свидетельство о публикации сразу после загрузки работы



Получите бесплатно свидетельство о публикации сразу после добавления разработки


Олимпиады «Зимний фестиваль знаний 2026»

Комплекты учителю



Качественные видеоуроки, тесты и практикумы для вашей удобной работы

Подробнее

Вебинары для учителей



Бесплатное участие и возможность получить свидетельство об участии в вебинаре.


Подробнее