«Весенне-летний фестиваль знаний 2024»

Конспект урока "Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок."

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ах. Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм уыдзæн тынг цымыдисаг урок. Мæ фарстæн дзуапп раттат, уæд нæ урокæн базондзыстут йæ темæ.

Сидзæртæн хъæдуртæ

Се хсæвæр хуыдта

Афтæмæй сындуртæ

Цуайнаджы фыхта.

Дзуапп: Хетæгкаты Къоста « Сидзæргæс».

Ах. Уæдæ мах дзурдзыстæм абон Къостайы сфæлдыстадыл. Ацы аз схуыдтой Къостайы аз. Цымæ цæмæн?

Дзуапп: Уымæн æмæ ацы аз у юбилейон, Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 155 азы.

Ах. Ирок райдайæн ис проблемон уавæрæй. Бакæсæм эпиграфы фыццаг хай.

Ирон Дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг,

Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн.

Фарст: Ацы хъуыдыйады бæттæг « фæлæ» -йы размæ цæмæн хъæуы къæдзыг æвæрын?

Дзуапп: Хъуыдыйад у вазыгджын, ис дзы дыууæ грамматикон бындуры, дыууæ хуымæтæг хъуыдыйады. Дыууæ бындуры хсæн та æвæрын хъæуы æрхæцæн нысан.

Олимпиады: Викторина "Безопасность — значит жить!" 1 - 11 классы

Содержимое разработки



Ирон æвзаджы урок

8-æм къласы.

Урочы темæ: Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок.

Урочы нысантæ:

  1. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыг дæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.

  2. Бакусын хъуыдыйæдтыл.

Урочы хуыз: Урок – экскурси.

Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, иллюстрацийы нывтæ.

Урочы эпиграф:

Ирон Дзырд Хуыцаумæ уыд фыццаг

Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн

Ирон дзырдæн йæ хуыцау ныр – Къоста.

Хъодзаты -Æхсар.

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ах. Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм уыдзæн тынг цымыдисаг урок. Мæ фарстæн дзуапп раттат, уæд нæ урокæн базондзыстут йæ темæ.

Сидзæртæн хъæдуртæ

Се хсæвæр хуыдта

Афтæмæй сындуртæ

Цуайнаджы фыхта.

Дзуапп: Хетæгкаты Къоста « Сидзæргæс».

Ах. Уæдæ мах дзурдзыстæм абон Къостайы сфæлдыстадыл. Ацы аз схуыдтой Къостайы аз. Цымæ цæмæн?

Дзуапп: Уымæн æмæ ацы аз у юбилейон, Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 155 азы.

Ах. Ирок райдайæн ис проблемон уавæрæй. Бакæсæм эпиграфы фыццаг хай.

Ирон Дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг,

Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн.

Фарст: Ацы хъуыдыйады бæттæг « фæлæ» -йы размæ цæмæн хъæуы къæдзыг æвæрын?

Дзуапп: Хъуыдыйад у вазыгджын, ис дзы дыууæ грамматикон бындуры, дыууæ хуымæтæг хъуыдыйады. Дыууæ бындуры хсæн та æвæрын хъæуы æрхæцæн нысан.

Ах.Байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут нымæц, урочы темæ.

Ах. Ныр та мæ фæнды сбæрæг кæнын, Къостайы царды хабæрттæ куыд чи куыд зоны, уый.

( къордтæй куыст)

  1. ТЕКСТ

Хетæгкаты Къоста райгуырд …………..азы…………..мæйы ……….бон, ………комы ………..хъæуы. Йæ фыд …….. уыдис ………………………………………………………….. Къоста куы райгуырд, уæд йæ мад ………………..амард. Сабийы йæхимæ хъомыл кæнынмæ ахаста……………………………………………………… Амард Къоста ……………..азы. Ныгæд æрцыд………………., уый фæстæ та ныгæд æрцыд …………………………….

  1. Викторина

«Куыд зоныс Къостайы»

1. Къоста райгуырд?

а) Нары

æ) Ламардоны

б) Мызуры

2. Кæцы комы?

а) Куырттаты комы

æ) Уæлладжыры комы

б) Дыгургомы

3. Къостайы сæйраг чиныг у?

а) Ныстуан

æ) Ирон фæндыр

б) Дзæбидырдзуан

4. Къоста фыста?

а) Иронау

æ) Уырыссагау

б) Гуырдзыйагау

5. Къостайы сфæлдыстад уырыссаг фысджытæй хæстæг дæр у?

А) Пушкинмæ

Æ) Некрасовмæ

Б) Лермонтовмæ

6. Къоста ахуыр кодта?

а) Мæскуыйы Университеты

æ) Петербурджы аивæдты академийы

б) Берлины аивæдты академийы.

7. « Ирон фæндыр райдайы» æмдзæвгæйæ?

а) Сидзæргæс

æ) Ныстуан

б) Додой



  1. Сраст кæнут ныхасы рæдыдтытæ

а) Рагæн нæртон лæгау зарин куы зонин.

æ) Додой фæкæнæт мæ райгуырæн хæххтæ

б) Халон бархæфст рындзыл

в) Цæйут æвсымæртау ратæм нæ къухтæ

4.Дзырдтæй саразут хъуыдыйæдтæ

Раст арæзт куы рцæуой, уæд бакæсæн уыдзæн Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæй рæнхъытæ, стæй æмбисонд.

а) Фæсмон фæкæнын, ды, чи, мæрдты дзыназын, ныййарæг.

Дзуапп: Фæсмон фæкæна, мæрдты дзыназа дæу чи ныййардта.

б) Хох, сæмбæлын,хох,лæг, кæддæр, нæ,лæг.

Дзуапп: Лæг лæгимæ кæддæриддæр сæмбæлдзæн, хох хохимæ – нæ.

в) Фæхæссын, мæ,зæгъын,уæддæр фæстæмæ, æз, иунæг, сæр, æз, Ир, æз Райгуырæн бæстæ.

Дзуапп: Фæхæссон – ма загътон,уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ Райгуырæн бæстæм.

5.Бацамонут дзырдты нысаниуджытæ

Фыййау –

Хъомгæс –

Уалыгæс –

Лæскъдзæрæн – фыййауæй æххуырст цæуын. Йæ мыздмæ йын лæвæрдтой фосы цæуæтæй хай.

( лæскъ – лыстæг фос)

6. Текстимæ куыст

Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн

Иу мæгуыр лæг цард

Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн

Удхарæй æм мард.

Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ

Иуцæстон сæтой

Хоры къутуйау йæ тæнтæ

Бинаг был – кæфой.

Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, -

Алыбон хæргæ!

- Цæй – ма, - лæг ын иу хатт загъта, -

Ахицæн мæ кæ!

- Хорз мæ хур, кæд нæ фæнды, -

Цу! Дæ фæндаг раст!...

Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды, -

Уромы йæ маст.

Кусы та…Хуыцау æй зоны,

Цас ма йæм фæци…

Атъæпп уа, цы фыййау хоны

Амонджын йæхи!

Махон дзы йæ сæфт ыссардта, -

Байсысти йæ туг!

Иу бон хизæнæй æртардта

Йе фсæст фосы дзуг.



Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, -

Артау сыгъд йæ сæр,

Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, -

Банызта кæмдæр!

Дзурын ма зынæй фæразы

Бухъхъытæгæнгæ,

Загъдæмхаст фыййауæй хъазы:

- Хорз лæг дæ, бæргæ,-

Дзуры йæм, - фæлæ кæд уарæм.

- Уæд дзæбæх, нывыл.

Туг кæрæдзийæ нæ дарæм,

Байхъус мæм чысыл!

Алырдæм дæр æй куы барай,

Ай нæ хуыздæр хос:

Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, -

Дæу фæуæд мæ фос!

Науæ фосæй дæр æнæ хай,

Хизгæ дæр лæвар…

- Хорз, - зæгъы, - уæдæ цы зæгъай!

Хорз, фæуæд дæ бар!

Ах. Лæскъдзæрæг уæ цæстытыл цавæврæй ауад? Цавæр адæймаг у?

Дзуапп: уæздан, хиуылхаст, фæллойуарзаг.

Ах. Уæйыг та уæм цавæр фæкаст?

Дзуапп: магуса, æлгъаг, рассыггæнæг.( дзырдтæ фыст цæуынц фæйнæгыл)

Ах. Куыд хуыйнынц лексикæйы сæ нысауниуджытæ ныхмæвæрд кæмæн сты, уыцы дзырдтæ?

Дзуапп: Антонимтæ

Ах. Нæ аргъауы цал архайæджы ис? Сæ ныхас куыд хуыйны?

Дзуапп: Диалог.



7. Саразут дзырдбæстытæ схемæ мæ гæсгæ

1. Миногми + номдар

2. нымæцон + номдар

3. мивдисæг + номдар

4. мивдисæг + номивæг

5. мивдисæг + нымæцон.

8. Лæвæрд æнгом дзырдбæстытæм ссарут сæ

нысаниуæгмæ гæсгæ хæстæг æнгом дзырдбæстытæ ирон æвзаджы

Боже упаси – хуыцау бахизæд

Бровью( глазом не повёл) – йæ цæст дæр фæныкъуылдта

Волосы становились дыбом – йæ хъуын барц сбадти

На краю гибели – мæлæты къахыл лæууы

Не в духе – йæ чемы нæу

9. Слайдты æвдыст экраныл. Ныхас цæуы Къостайы тыххæй,

Абайты Васо йæ мадæн цы стыр аргъ кодта, уый тыххæй. ( æмдзæвгæ слайдыл)

Фысгæ куыст.

Саразын дзырдбæстытæ дзырд « Мад» -имæ.

Дзуапп: хæларзæрдæ, зондджын,фæразон, фæлмæн, сæрæн, æрхъуыдыджын.

Хæс: Компьютерыл графикон æгъдауæй сныв кæнын, цæимæ абариккат мады, уый. Зæгъут, цæмæн равзæрстат ахæм ныв?( кусын дыууæйæ, лæппу æмæ чызг)

Мады зарæг:

Х\К – ныффыссын сочинени « Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы…..»

« Мæ мад амондджын кæд уыдзæн»





Получите свидетельство о публикации сразу после загрузки работы



Получите бесплатно свидетельство о публикации сразу после добавления разработки


Олимпиады «Весенне-летний фестиваль знаний 2024»

Комплекты учителю



Качественные видеоуроки, тесты и практикумы для вашей удобной работы

Подробнее

Вебинары для учителей



Бесплатное участие и возможность получить свидетельство об участии в вебинаре.


Подробнее